Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Бӕстӕйы хицаумӕ уыд ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу рауагъта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыд, иу ахӕм ахӕсты. Уыцы рӕстӕг сӕм уыди зындгонд ахӕст, йӕ ном – Вараввӕ. Ӕмӕ адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Пилат загъта: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы, ӕви Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойы?» Пилат зыдта, Йесойы йын йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый. Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй ракурой Вараввӕйы, Йесойы та амарын кӕной. Бӕстӕйы хицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы». Пилат сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Сеппӕт дӕр ын загътой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!» Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!» Пилат-иу бӕрӕгбоны рауагъта, адӕм кӕй куырдтой, иу ахӕм ахӕсты. Уӕд ахӕстоны уыд иучидӕр, йӕ ном – Вараввӕ; бадти, змӕсты рӕстӕг туг чи ныккалдта, уыцы змӕнтджытимӕ. Адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй райдыдтой курын, цӕмӕй та ацы хатт дӕр сараза, куыд-иу сын кодта, афтӕ. Уый сын загъта: «Фӕнды уӕ, цӕмӕй уын иудейаг Паддзахы рауадзон?» Пилат зыдта, алчертӕ йын Йесойы йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый. Фӕлӕ алчертӕ сардыдтой адӕмы, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ. Пилат сын ногӕй загъта: «Уӕдӕ сымах иудейаг Паддзах Кӕй хонут, Уымӕн та цы бакӕнон?» Уӕд уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!» Пилаты фӕндыд адӕмы зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ. Фӕлӕ адӕм сеппӕт дӕр хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!» Вараввӕйы та ахӕстонмӕ баппӕрстӕуыд, сахары цавӕрдӕр змӕст кӕй сарӕзта ӕмӕ туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Пилат адӕмимӕ ногӕй райдыдта ныхас кӕнын – фӕндыд ӕй Йесойы рауадзын. Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». Фӕлӕ хъӕрӕй сӕ фӕнд тардтой – домдтой Йесойы байтындзын. Сӕ хъӕрӕй басастой Пилаты, Ӕмӕ Пилат хъуыддаг алыг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ: Змӕсты ӕмӕ туг ныккалыны азымимӕ ахӕстонмӕ кӕй баппӕрстӕуыд ӕмӕ адӕм кӕй тыххӕй хатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта; Йесойы та сын сӕ бар бакодта.
Выбор основного перевода