Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм, цӕмӕй Дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ байтындзой, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». «Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни байтындзынмӕ». Ӕмӕ Моисей ӕрхуыйӕ калмы ӕдзӕрӕг бӕстӕйы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ уӕлӕмӕ ист хъуамӕ ӕрцӕуа Адӕймаджы Фырт дӕр, Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: ӔЗ ДӔН, Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый. Ӕмӕ Ӕз зӕххӕй уӕлӕмӕ ист куы ӕрцӕуон, уӕд сеппӕты дӕр ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ». Ацы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, цавӕр мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода