Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».
Алчертӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ Йесойы куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы аххос арын».