Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕрӕмбырд сты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ. Йесойы акодтой алчермӕ. Уым ӕрӕмбырд сты алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ динамонджытӕ иууылдӕр. Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Уыцы рӕстӕг Захарийы фырт Иоанн уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, ӕмӕ йын Хуыцау загъта Йӕ ныхас. Уӕд Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕф цыди сӕ фӕдыл. Анна Йесойы бастӕй арвыста алчер Каиафӕмӕ. Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид; Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ. Уыдонӕй иу, Каиафӕ, уыцы аз алчер уыд. Ӕмӕ сын уый загъта: «Сымах ницы зонут Ӕмӕ не 'мбарут, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй у, уый».
Выбор основного перевода