Адӕм Йесойы тыххӕй афтӕ кӕй сусу-бусу кӕнынц, уый фехъуыстой фарисейтӕ. Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ арвыстой Кувӕндон хъахъхъӕнджыты Йе 'рцахсынмӕ.
Алчертӕм ӕмӕ фарисейтӕм хъахъхъӕнджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ Йӕ ӕркодтат?»
(Уыди дзы сӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Уд развӕлгъау Сыгъдӕг Фысты Давиды дзыхӕй Иудӕйы тыххӕй цы загъта, уый – Иудӕ сси, Йесойы чи ӕрцахста, уыдоны ӕрбакӕнӕг,