Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын рахӕссой амарыны тӕрхон, Фӕлӕ не ссардтой, кӕд бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбацыд, уӕддӕр. Ӕппынфӕстаг, ӕрбацыди дыууӕ мӕнгӕвдисӕны Ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын"». Уӕд алчер сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы ӕвдисӕнтӕ хӕссынц, уыдонӕн ницы дзуапп дӕттыс?» Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уӕд алчер арӕмыгъта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый! Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зылын у, хъуамӕ амӕла». Уӕд Ын тутӕ кодтой Йӕ цӕсгомыл, цавтой Йӕ. Иннӕтӕ та Йӕ дзӕхстытӕ кодтой Ӕмӕ Йын дзырдтой: «Чырысти, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын рахӕссой амарыны тӕрхон, фӕлӕ нӕ ардтой. Бирӕтӕ лӕууыдысты мӕнгӕвдисӕн Йӕ ныхмӕ, фӕлӕ цы дзырдтой, уый сын кӕрӕдзийыл нӕ бадт. Цалдӕр мӕнгӕвдисӕны сыстадысты ӕмӕ дзырдтой Йӕ ныхмӕ: «Мах фехъуыстам, цы дзырдта, уый: „Ӕз фехалдзынӕн лӕджыкъухӕйконд ацы Кувӕндон ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, лӕджыкъухӕйконд чи нӕу, ахӕм"». Фӕлӕ уыдонӕн дӕр се 'вдисӕйнӕгтӕ кӕрӕдзийыл нӕ бадтысты. Уӕд алчер размӕ ралӕууыд ӕмӕ бафарста Йесойы: «Дӕ ныхмӕ Дын цы ӕвдисӕнтӕ хӕссынц, уыдонӕн ницы дзуапп дӕттыс?» Йесо ныхъхъус ӕмӕ ницы дзуапп лӕвӕрдта. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонды Фырт?» Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уӕд алчер арӕмыгъта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Сымах фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый. Цы хъуыды уӕм ис?» Сеппӕт дӕр Ӕй банымадтой аххосджыныл ӕмӕ амарыны аккагыл. Уӕд Ыл иуӕй-иутӕ райдыдтой тутӕ кӕнын, бамбӕрзтой-иу Ын Йӕ цӕсгом, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». Дзӕхстытӕ Йӕ кодтой хъахъхъӕнджытӕ дӕр. Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ надтой. Сӕхгӕдтой-иу Ын Йӕ цӕстытӕ ӕмӕ Йӕ фарстой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». Ӕмӕ Йын дзырдтой бирӕ ӕндӕр фауӕн ныхӕстӕ. Куы сбон, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ, динамонджытӕ, ӕмӕ Йӕ бакодтой сӕ синедрионмӕ. Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды дӕ Чырысти?» Уый сын загъта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕн; Куы уӕ бафӕрсон, уӕд дӕр Мын дзуапп нӕ ратдзыстут. Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахиз фарс». Уӕд сеппӕт дӕр загътой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый». Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнаг ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йын ӕй куы фехъуыстам!»
Выбор основного перевода