Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ныхмӕ ма рацу. Фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Уӕд алчер Анани Павелы фарсмӕ лӕуджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын цӕвой йӕ былтӕ. Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ныццӕвдзӕн, чъырӕйцагъд къул! Мӕнӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕныны тыххӕй ам бадыс; ды та дӕттыс мӕ нӕмыны бардзырд, ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау». Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры ӕфхӕрыс?» Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Дӕ адӕмы хицауӕй ӕвзӕр ма зӕгъ"».
Выбор основного перевода