Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, Кувӕндоны уыцы хъахъхъӕнджыты, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм цырӕгътимӕ, рухсгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ.
Бацыдысты-иу Ӕм ӕмӕ Йын дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.