Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл: цы зӕгъын уӕ хъӕуа, уый уын рардӕуыдзӕн уайсахат. Тӕрхонмӕ уӕ куы кӕной, уӕд цы зӕгъдзыстут, ууыл-иу рагацау ма мӕт кӕнут, фӕлӕ-иу дзурут, уайтӕккӕ уын цы рардӕуа, уый. Уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ дзыхӕй дзурдзӕни Сыгъдӕг Уд. Куы уӕ ӕркӕной синагогӕтӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ ӕлдариуӕггӕнджытӕм, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, куыд кӕнӕ цавӕр дзуапп ратдзыстут, кӕнӕ цы зӕгъдзыстут, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уын уайсахат Сыгъдӕг Уд бацамондзӕн, цы зӕгъын хъӕуы, уый». Цы дзуапп ратдзыстут, уый тыххӕй уӕ рагацау сагъӕс кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый дарут уӕ зӕрдыл. Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн, уӕ ныхмӕлӕуджытӕ сеппӕт дӕр кӕй ныхмӕ фӕлӕууын ӕмӕ кӕй ныхмӕ сдзурын нӕ бафӕраздзысты, ахӕм ӕвзаг ӕмӕ зонд.
Выбор основного перевода