Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд ӕй Хуыцау бафарста: «Цы ис дӕ къухы?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг». Хуыцау ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста зӕхмӕ, лӕдзӕг фестад калм, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци. Фӕлӕ Хуыцау загъта Моисейӕн: «Радар дӕ къух, ӕмӕ калмы сис йӕ къӕдзилӕй». Моисей радардта йӕ къух, ӕмӕ калммӕ куы фӕлӕбурдта, уӕд калм йӕ къухы фестади лӕдзӕг. Хуыцау ын загъта: «Афтӕ бакӕнын уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй баууӕндой, Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау дӕумӕ кӕй фӕзынд, ууыл». Хуыцау ма йын ноджы загъта: «Дӕ къух нывӕр дӕ роны». Моисей йӕ къух нывӕрдта йӕ роны. Куы йӕ райста, уӕд къух хӕлмагнизӕй адардта. Хуыцау та йын загъта: «Дӕ къух ногӕй нывӕр дӕ роны». Моисей йӕ къух нывӕрдта йӕ роны. Куы йӕ райста, уӕд къух ссыгъдӕг, раздӕр куыд уыди, афтӕ. Моисейӕн Хуыцау загъта: «Кӕд дыл нӕ баууӕндой, ӕмӕ сӕм фыццаг диссаг нӕ бахъара, уӕд баууӕнддзысты дыккаг диссагыл. Кӕд ӕмӕ ацы дыууӕ диссагыл нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕ ныхасмӕ нӕ байхъусой, уӕд Нилы цӕугӕдонӕй сис дон ӕмӕ йӕ акал зӕхмӕ; ӕмӕ цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕни туг». Ды йын дзурдзынӕ, цы зӕгъын ӕй хъӕудзӕн, уыцы ныхӕстӕ. Ӕз та дӕуӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр дӕтдзынӕн ӕвзаг, ӕмӕ уын цы гӕнгӕ у, уый амондзынӕн. Аарон дӕ бӕсты ныхас кӕндзӕн адӕмимӕ. Афтӕмӕй уый уыдзӕни дӕ фидиуӕг; ды та йын уыдзынӕ Хуыцауы бӕсты. Моисей фараонӕн загъта: «Дӕу тыххӕй, дӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй кӕд бакувон, уый мын дӕхӕдӕг зӕгъ. Ӕмӕ галхӕфсытӕ ныууадздзысты дӕу ӕмӕ дӕ хӕдзар; баззайдзысты ма ӕрмӕстдӕр Нилы цӕугӕдоны».
Выбор основного перевода