Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы, цӕмӕй адӕм фехъусой Мӕ ныхас демӕ ӕмӕ дыл ӕууӕндой кӕддӕриддӕр». Моисей Дунедарӕджы уыцы ныхӕстӕ радзырдта адӕмӕн.