Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, израилӕгты Хуыцау: „Ауадз Мӕ адӕмы ӕдзӕрӕг ранмӕ, Мӕ номыл бӕрӕгбон скӕнынмӕ“». «Бацу ӕмӕ зӕгъ фараонӕн, мысыраг паддзахӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы ауадздзӕн йӕ бӕстӕйӕ». Ӕмӕ фараонӕн зӕгъ: „Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау, рарвыста мӕн дӕуӕн зӕгъынмӕ: ‘Ауадз Мӕ адӕмы ӕдзӕрӕг ранмӕ нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ, фӕлӕ ныронг нӕма байхъуыстай’. Ӕмӕ мысыраг зӕххыл амӕлдзӕн алы хистӕр фырт дӕр – паддзахы къӕлӕтджыны бадӕг фараоны хистӕр фыртӕй ӕрмгуыройыл ссаг цагъар сылгоймаджы хистӕр фырты онг; амӕлдзысты, фыццаг чи райгуырд, уыцы фос дӕр. Ӕмбисӕхсӕв ӕгас мысыраг зӕххыл Дунедарӕг фӕцагъта ӕппӕт хистӕр фыртты – паддзахы къӕлӕтджыны бадӕг фараоны хистӕр фыртӕй ахӕст уацайраджы хистӕр фыртмӕ; амардта ӕппӕт фыццагзад фос дӕр.
Выбор основного перевода