Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Ӕз фараонӕн ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, мысыраг зӕххыл равдисдзынӕн Мӕ бирӕ ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ фараон разынди хивӕнд – Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста. Фӕлӕ та Хуыцау ацы хатт дӕр фараоны скодта хивӕнд, ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Хуыцау Моисейӕн развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Фараон ацы хатт дӕр та баззади дурзӕрдӕйӕ, ӕмӕ израилаг адӕмы нӕ ауагъта, Моисейы дзыхӕй Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Бацу фараонмӕ; Ӕз ыл бафтыдтон хивӕнд йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтыл дӕр, цӕмӕй сыл равдисон Мӕ диссӕгтӕ. Фӕлӕ Хуыцау хивӕнд бафтыдта фараоныл, ӕмӕ та нӕ ауагъта израилаг адӕмы. Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ равдыстой фараоны раз. Фӕлӕ Дунедарӕг фараоныл бафтыдта хивӕнд, ӕмӕ фараон Израилы адӕмы нӕ ауагъта йӕ зӕххӕй. Фӕлӕ Хуыцау загъта Моисейӕн: «Радар дӕ къух, ӕмӕ калмы сис йӕ къӕдзилӕй». Моисей радардта йӕ къух, ӕмӕ калммӕ куы фӕлӕбурдта, уӕд калм йӕ къухы фестади лӕдзӕг. Моисейӕн Хуыцау загъта: «Кӕд дыл нӕ баууӕндой, ӕмӕ сӕм фыццаг диссаг нӕ бахъара, уӕд баууӕнддзысты дыккаг диссагыл. «Хуыцау сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон, зӕгъы Хуыцау». Сыгъдӕг Фысты Хуыцау фараонӕн афтӕ зӕгъы: «Паддзахӕй дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых, ӕмӕ цӕмӕй Мӕ кой айхъуыса ӕппӕт зӕххыл». Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх, кӕй Йӕ фӕнды, уый та схивӕнд кӕны.
Выбор основного перевода