Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау федта израилаг адӕмы хъизӕмар, ӕмӕ сӕм Йе 'ргом раздӕхта. Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се 'фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар. Адӕмы хистӕртӕ дӕ коммӕ бакӕсдзысты, уыдонимӕ бацӕудзынӕ мысыраг паддзахмӕ ӕмӕ йын зӕгъдзыстут: „Фӕзынди нӕм Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау; уӕдӕ нӕ ауадз, ӕмӕ ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ уым нывондтӕ ӕрхӕсдзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“. Моисейӕн Хуыцау загъта: «Кӕд дыл нӕ баууӕндой, ӕмӕ сӕм фыццаг диссаг нӕ бахъара, уӕд баууӕнддзысты дыккаг диссагыл. Кӕд ӕмӕ ацы дыууӕ диссагыл нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕ ныхасмӕ нӕ байхъусой, уӕд Нилы цӕугӕдонӕй сис дон ӕмӕ йӕ акал зӕхмӕ; ӕмӕ цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕни туг». Уӕд зӕгъут: „Мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилаг адӕмы хӕдзӕртты рӕзты чи ацыд ӕмӕ нын нӕ хӕдзӕрттӕ чи бахызта, ай уыцы Дунедарӕгӕн Куадзӕны нывонд у“». Адӕм ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ ныллӕг ӕркуывтой Дунедарӕгӕн.
Выбор основного перевода