Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд ӕй Хуыцау бафарста: «Цы ис дӕ къухы?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг». «Фараон куы ӕрдома: „Уӕ хъару равдисут диссаджы фӕрцы“, уӕд ды Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг ӕмӕ йӕ аппар фараоны размӕ“, ӕмӕ лӕдзӕг фестдзӕни калм». Моисей ӕмӕ Аарон ӕрцыдысты фараонмӕ ӕмӕ бакодтой, Хуыцау сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: Аарон аппӕрста йӕ лӕдзӕг фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты размӕ, ӕмӕ лӕдзӕг фестади калм. Уӕд фараон басидт йӕ дӕснытӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм; ӕмӕ Мысыры дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй бакодтой афтӕ: Алчидӕр сӕ йӕ лӕдзӕг аппӕрста зӕхмӕ, ӕмӕ сын фестадысты кӕлмытӕ; фӕлӕ Аароны лӕдзӕг аныхъуырдта уыдоны лӕдзджытӕ. Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ фараон разынди хивӕнд – Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста. Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Хивӕнд у фараон; нӕ йӕ фӕнды адӕмы ауадзын. Фараон райсом Нилмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм бацу; цӕугӕдоны былыл ӕрлӕуу йӕ фӕндагыл; калм цы лӕдзӕг фестад, уый райс дӕ къухмӕ, Ӕмӕ фараонӕн зӕгъ: „Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау, рарвыста мӕн дӕуӕн зӕгъынмӕ: ‘Ауадз Мӕ адӕмы ӕдзӕрӕг ранмӕ нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ, фӕлӕ ныронг нӕма байхъуыстай’. Афтӕ дын зӕгъы Дунедарӕг: ‘Ныртӕккӕ базондзынӕ, Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый’. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн цӕугӕдон, ӕмӕ туг фестдзӕни. Нилы цӕугӕдоны амӕлдзысты кӕсӕгтӕ; цӕугӕдон сысмаг уыдзӕн, ӕмӕ мысырӕгтӕн нуазынмӕ нал бӕздзӕн“». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг, ӕмӕ дӕ къух радар мысырӕгты дӕттӕм: сӕ цӕугӕдӕттӕм, сӕ донуадзӕнтӕм, сӕ цадтӕм, сеппӕт донмарӕнтӕм – ӕмӕ дон фестдзӕни туг. Туг уыдзӕн ӕппӕт мысыраг зӕххыл – хъӕдын ӕмӕ дурын мигӕнӕнты“». Моисей ӕмӕ Аарон бакодтой, Хуыцау сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Аарон уӕлӕмӕ сдардта йӕ лӕдзӕг, фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты цӕстыты раз ӕрцавта Нилы цӕугӕдон, ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестади туг;
Выбор основного перевода