Моисей хызта йӕ каисы мадиамаг дины лӕг Иофоры, фыстӕ. Иухатт дзуг аскъӕрдта ӕдзӕрӕг ранмӕ дард, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ, Хуыцауы хохмӕ.
Хуыцау смӕсты Моисеймӕ, ӕмӕ загъта: «Дӕ левит ӕфсымӕр Аарон та? Ӕз зонын: уый арӕхсы дзурынмӕ; рацӕудзӕни дӕ размӕ, ӕмӕ дӕ куы фена, уӕд барухс уыдзӕн йӕ зӕрдӕ.