Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ. Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас фылдӕр ӕфтыд сӕ нымӕцыл, уыйас парахатдӕр хӕлиу кодтой зӕххыл, ӕмӕ израилаг адӕм мысырӕгтӕн фестадысты уӕнгӕл. Ӕмӕ мысырӕгтӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой израилаг адӕмы – ӕфтыдтой сӕ уӕззаудӕр куыстытыл. Сӕ цард сын ад нал кодта тыхкуыстӕй – ӕлыгӕй самандур аразынӕй, быдыры кусынӕй; ӕгъатырӕй сӕ ӕфтыдтой ӕппӕт уыцы куыстытыл. Уӕд фараон йеппӕт адӕмӕн радта бардзырд: «Дзуттӕгты алы ноггуырд лӕппуйы дӕр ӕппарут Нилы цӕугӕдонмӕ, чызджыты та уадзут удӕгасӕй». Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ мысыраг паддзах амард. Фӕлӕ уӕддӕр израилаг адӕм нӕтыдысты тыхкуыстӕй, Хуыцаумӕ дзынӕзтой ӕххуысагур, ӕмӕ Хуыцаумӕ сӕ куывд сыхъуысти.
Выбор основного перевода