Фӕлӕ фараон загъта: «Чи мын у Дунедарӕг, ӕмӕ Йӕм ӕз байхъусон? Цӕмӕн хъуамӕ ауадзон израилӕгты? Ӕз Дунедарӕджы дӕр нӕ зонын, ӕмӕ израилаг адӕмы дӕр нӕ ауадздзынӕн».
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныр фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ сараздзынӕн, уый; Мӕ стыр тых куы бавзара, уӕд уӕ ауадздзӕн; йӕхӕдӕг уӕ фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ».