Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы. Уӕдӕ израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕз Дунедарӕг дӕн! Мӕ стыр хъаруйӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдзынӕн мысырӕгты, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн – уӕ бӕрзӕйӕ уын сисдзынӕн мысырӕгты ӕфсондз. Мӕ бон уыди Мӕ хъаруйӕ дӕуыл ӕмӕ дӕ адӕмыл рын бафтауын ӕмӕ уӕ фӕцӕгъдын, зӕххыл уӕ кой дӕр куыд нал уыдаид, афтӕ. Фараон ӕхсӕвы басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут махӕй уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ израилаг адӕм дӕр; ацӕут, ӕмӕ куыд дзырдтат, афтӕ нывонд ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн. Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.
Выбор основного перевода