Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ мысыраг паддзах амард. Фӕлӕ уӕддӕр израилаг адӕм нӕтыдысты тыхкуыстӕй, Хуыцаумӕ дзынӕзтой ӕххуысагур, ӕмӕ Хуыцаумӕ сӕ куывд сыхъуысти. Хуыцау сын куы фехъуыста сӕ хъӕрзын, уӕд Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыд. Хуыцау федта израилаг адӕмы хъизӕмар, ӕмӕ сӕм Йе 'ргом раздӕхта. Цӕстдарджытӕ та сӕ сулӕфын дӕр нӕ уагътой, дзырдтой сын: «Алы бон дӕр самандуртӕ аразут, кусут, хъӕмп уӕм куы уыдис, уӕд цас арӕзтат, уый бӕрц». Мысыраг цӕстдарджытӕ надтой, израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоны, ӕмӕ сын дзырдтой: «Самандуртӕ нырмӕ цас арӕзтат, абон уый бӕрц цӕуылнӕ сарӕзтат?» Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ссӕндынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын".
Выбор основного перевода