Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Иаковӕн: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Ӕз демӕ уыдзынӕн». Уӕдӕ ацу; дзурын дӕ куы бахъӕуа, уӕд уыдзынӕн демӕ, цы зӕгъын дӕ хъӕудзӕн, уый дын амондзынӕн». Ды йын дзурдзынӕ, цы зӕгъын ӕй хъӕудзӕн, уыцы ныхӕстӕ. Ӕз та дӕуӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр дӕтдзынӕн ӕвзаг, ӕмӕ уын цы гӕнгӕ у, уый амондзынӕн. Израилаг адӕм мысыраг зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ, сӕ рацыды тӕккӕ бон, бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Рефидимӕй рараст сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕмӕ уым, ӕдзӕрӕг быдыры, ӕрлӕууыдысты асадӕны; Израил рӕстӕгмӕ ӕрбынат кодта хохмӕ хӕстӕг. Моисей Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ схызти хохмӕ, ӕмӕ йӕм Хуыцау хохӕй ӕрдзырдта: «Иаковы хӕдзарӕн зӕгъ ӕмӕ израилаг адӕмӕн фехъусын кӕн: „ Ӕз мысырӕгтӕн цы бакуыстон, уый федтат. Сымах та цӕргӕсау систон Мӕ базыртыл ӕмӕ уӕ хастон Мӕхимӕ. Ныр Мӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ Мӕ фидыдмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй ӕрмӕст сымах уыдзыстут Мӕ адӕм. Уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр Мӕн у, Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн». Моисей ӕрцыди, басидт адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын радзырдта, Дунедарӕг ын кӕй бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ. Адӕм ӕмдзыхӕй дзуапп радтой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый сараздзыстӕм». Ӕмӕ адӕмы уыцы ныхӕстӕ Моисей радзырдта Дунедарӕгӕн. Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы, цӕмӕй адӕм фехъусой Мӕ ныхас демӕ ӕмӕ дыл ӕууӕндой кӕддӕриддӕр». Моисей Дунедарӕджы уыцы ныхӕстӕ радзырдта адӕмӕн. Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацу адӕммӕ, ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн абон ӕмӕ райсом; уадз ныхсой сӕ дарӕс. Сӕхи ӕрцӕттӕ кӕнӕнт иннӕбонмӕ: уыцы бон ӕппӕт адӕмы раз Хуыцау ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ. Адӕмӕн ӕрхахх кӕн хохы алыварс ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕхи бахизут хохмӕ схизынӕй ӕмӕ йын суанг йӕ рӕбыныл дӕр андзӕвынӕй. Чидӕриддӕр хохыл андзӕва, уый хъуамӕ амардӕуа“. Ӕрмӕст ӕм къухӕй мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ амарӕнт дуртӕй кӕнӕ фатӕй; фос уа ӕви адӕймаг – удӕгасӕй ныууадзӕн ын нӕй. Адӕмӕн хохмӕ схизыны бар уыдзӕни, сыкъауадындзы уаст куы айхъуыса, уӕд». Моисей хохӕй ӕрцыд адӕммӕ, ссыгъдӕг сӕ кодта, ныхсадтой сӕ дарӕс. Моисей адӕмӕн загъта: «Цӕттӕ ут иннӕбонмӕ; сылгоймагимӕ уӕ мачи ӕриу уӕд». Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв ныннӕрыд, цӕхӕртӕ акалдта, хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ, ӕмӕ райхъуыст сыкъауадындзы тыхджын уаст. Асадӕны цы адӕм уыд, уыдон сеппӕт дӕр фыртӕссӕй барызтысты. Асадӕнӕй Моисей адӕмы рахуыдта Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ; адӕм ӕрлӕууыдысты хохы рӕбын. Синайы хохӕй та калди фӕздӕг, уымӕн ӕмӕ йӕм Дунедарӕг ӕрхызт арты; йӕ фӕздӕг къуыбылӕйттӕй, пецӕй кӕлӕгау, цыди хӕрдмӕ, ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнкъуысти. Сыкъауадындз уасыди тынгӕйтынгдӕр. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау дзуапп лӕвӕрдта, – Моисей йын хъуыста Йӕ хъӕлӕс. Хуыцау ӕрхызти Синайы хохы сӕрмӕ, басидти Моисеймӕ, ӕмӕ Моисей ссыди хохы сӕрмӕ. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныххиз ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Дунедарӕджы феныны охыл ма фӕлтӕрой хохы сӕрты ӕрбахизыныл, науӕд дзы бирӕтӕ амӕлдзысты. Дунедарӕгӕн иудадзыг цы сауджынтӕ лӕггад кӕнынц, суанг уыдон дӕр ссыгъдӕг кӕнӕнт сӕхи, Дунедарӕг сӕ куыд нӕ фӕцӕгъда, афтӕ». Моисей Хуыцауӕн загъта: «Адӕмӕн Синайы хохмӕ ссӕуын сӕ бон нӕу. Уымӕн ӕмӕ нын Ды бафӕдзӕхстай: „Ӕрхахх кӕн хохы алыварс, сыгъдӕг ранмӕ йӕ сӕрты куыд мачи ахиза, афтӕ“». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ, стӕй ссӕудзынӕ Ааронимӕ; сауджынтӕ ӕмӕ адӕм та ма архайӕнт Хуыцаумӕ схизыныл, науӕд сӕ фӕцӕгъддзынӕн». Моисей хохӕй ӕрцыди адӕммӕ, ӕмӕ сын радзырдта Хуыцауы уыцы ныхӕстӕ.
Выбор основного перевода