Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ Хуыцау ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ. Цӕй, ныццӕуӕм сӕм ӕмӕ сын сӕмхӕццӕ кӕнӕм се 'взаг, иу иннӕйы куыд нал ӕмбара, афтӕ». Уыцы бон Хуыцау Аврамимӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ загъта: «Мысыры цӕугӕдонӕй суанг Ефраты номдзыд цӕугӕдонмӕ цы зӕхх ис, уый Ӕз дӕ байзӕддӕгтӕн дӕттын – Кенейӕгты, кенезӕгты, кедмонӕгты, Хеттӕгты, ферезӕгты, рефаимӕгты, Аморрӕгты, ханаанӕгты, гергесӕгты ӕмӕ иевусӕгты зӕххытӕ». Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Мӕнмӕ уыдоныл цы хъаст ссыди, сеппӕт митӕ дӕр ӕцӕгӕй афтӕ сты, ӕви нӕ. Мӕхӕдӕг ӕй сбӕлвырд кӕнон». Иухатт Иосиф йе 'фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын; фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг ӕркӕсдзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм». Иосиф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта: «Хуыцау уӕм ӕркӕсдзӕн ӕнӕмӕнг, ӕмӕиу мын ме стджытӕ ахӕссут ардыгӕй». Ӕмӕ загътон: Ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн мысыраг ӕфсондзӕй ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ’“. Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилаг адӕмы ракодта мысыраг зӕххӕй – ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕгау».
Выбор основного перевода