Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр тарсти Хуыцауӕй. Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты цурмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ. Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны дӕр. Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл – иудейтыл дӕр ӕмӕ бердзентыл дӕр, сеппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Хицау Йесойы ном кодта кадджынӕй-кадджындӕр. Ӕз уӕм дыккаг хатт куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн сеппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Хицау цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода