Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ироды фӕндыд Иоанны амарын, фӕлӕ тарст адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой. „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц». Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой. «Адӕмӕй» зӕгъынӕй та адӕмӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ сеппӕты дӕр уырныдта, Иоанн ӕцӕгӕй пехуымпар кӕй уыд, уый. Йесо фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уӕд Ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты. Йесо ацы фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕвӕстиатӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, Йесойы амарыны ахӕм фадат, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тӕрсгӕ кодтой. Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.
Выбор основного перевода