Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн сымах стут ӕвдисӕнтӕ. Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы – ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй рацӕуы, ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕн Мӕн тыххӕй. Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут. Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд райсдзыстут тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Иерусалимы, ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ». Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ. Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах уымӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм. Уыцы Уд нӕ удимӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.
Выбор основного перевода