Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ уын, зӕххыл цы рӕстаг туг фӕкалд, уый иууылдӕр фидинаг у: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захарийы туджы онг. Адӕм иууылдӕр дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд». Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йесо лӕвӕрд ӕрцыд сымахмӕ, ӕмӕ Йӕ муртатты къухтӕй бахуыдтат дзуармӕ ӕмӕ Йӕ амардтат. Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти». Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах уымӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм. Фӕдзырдтой сӕм ӕмӕ сын радтой уыцы номыл ӕппындӕр нӕ дзурыны ӕмӕ никӕй ахуыр кӕныны бардзырд. Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не 'фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат.
Выбор основного перевода