Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр тарсти Хуыцауӕй.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Анани дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ и зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны бацыд стыр тас.
Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл – иудейтыл дӕр ӕмӕ бердзентыл дӕр, сеппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Хицау Йесойы ном кодта кадджынӕй-кадджындӕр.