Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йесо лӕвӕрд ӕрцыд сымахмӕ, ӕмӕ Йӕ муртатты къухтӕй бахуыдтат дзуармӕ ӕмӕ Йӕ амардтат. Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыс ӕмӕ Йӕ райгас кодта, уымӕн ӕмӕ адзалы бон Йӕ бауромын нӕ уыд. Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ. Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти». Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат. Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах уымӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм. Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй. Ӕмӕ мах ӕвдисӕн стӕм, Уый иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ Иерусалимы цы бакодта, ӕппӕт уыдӕттӕн. Хъӕдыл Ӕй ӕрцауыгътой ӕмӕ Йӕ амардтой, Фӕлӕ Йӕ Хуыцау райгас кодта ӕртыккаг бон ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ, Йесойы тыххӕй фыст цы уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта. Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон хӕссыны бон. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй». Анани мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс. Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у». Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Выбор основного перевода