Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ. Йесойы систӕуыд Хуыцауы рахиз фарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды, ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ. Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй. Ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Хуыцауы бафӕндыд Йӕ бирӕ хъӕбулты намысмӕ ӕрхонын. Ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕртты фӕрцы Йесойы уыдонӕн скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Ирвӕзынгӕнӕг. Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.
Выбор основного перевода