Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; хӕдзари-хӕдзар та арӕзтой дзулсаст ӕмӕ сӕ хойраг хордтой хъӕлдзӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ. Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын дзырдта фарны уац Йесойы тыххӕй. Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ кириниӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕн дӕр хъусын кодтой Хицау Йесойы фарны уац. Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта фарны уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ мӕрдтӕй райгасы тыххӕй. Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕхи снывонд кодта Хуыцауы ныхас амонынӕн – иудейты ӕууӕндын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, ууыл. Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.
Выбор основного перевода