Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у. Тӕхудиаг уыдзыстут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, алы ӕвзӕртӕ уыл куы мысой, уӕд. Цин кӕнут ӕмӕ райут – уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдоны дӕр. Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц. Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл, ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ намыс куы раргом уа, уӕд. Фӕлӕ чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи тухӕны ӕфты, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода