Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр. Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Рӕхыстӕ ӕрхаудтой Петры цӕнгтӕй. Зӕд ын загъта: «Ӕрбабӕтт дӕ рон ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл». Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не 'мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕгдзинад кӕй у – ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ цы уыны, уый цӕстылуайӕн у. Хъахъхъӕнджыты фыццаг ӕмӕ дыккаг къордты рӕзты куы аивгъуыдтой, уӕд бахӕццӕ сты, сахармӕ кӕуылты цыдысты, уыцы ӕфсӕн кулдуармӕ. Дуар сын йӕхӕдӕг байгом, рахызтысты ӕддӕмӕ, ӕмӕ иу уынг куы ауадысты, уӕд зӕд ӕваст ӕрбацыдӕр. Ӕваст зӕхх афтӕ тыхджын нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон нызмӕлыд йӕ бындурмӕ. Уайтӕккӕ байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.
Выбор основного перевода