Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Хуыцау Аврамы ракодта ӕддӕмӕ ӕмӕ йын загъта: «Скӕс арвмӕ, ӕмӕ кӕд стъалытӕ банымайын дӕ бон бауа, уӕд сӕ банымай». Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Афтӕ бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр». Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Ӕрымыс Дӕ цагъартӕ Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы. Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, ӕмӕ сын загътай: „Ратдзынӕн уын ӕрвон стъалытау ӕнӕнымӕц байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ цы зӕххӕй загътон, уый сын мыггагмӕйы исбонӕн ратдзынӕн“». Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
Выбор основного перевода