Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн; у Мын коммӕгӕс ӕмӕ ӕнаипп. Хуыцау та Аврааммӕ фӕзынди Мамрейы тулдзбӕлӕсты цур, Авраам боны ӕнтӕфы цатырмӕ бахизӕны куы бадтис, уӕд.
Выбор основного перевода