Уыцы зӕххы уыди стонг рӕстӕг, ӕмӕ Аврам ацӕрынмӕ ӕрцыди Мысырмӕ, уымӕн ӕмӕ дзы стонг ноджы фӕтыхджындӕр.
Авраам уырдыгӕй ацыди Негевмӕ – хуссармӕ, ӕмӕ рӕстӕгмӕ ӕрцарди Кадесӕй Суры ӕхсӕн. Ӕрцӕуӕггагӕй царди Герары.
Уым йӕ ус Саррӕйы тыххӕй загъта: «Мӕ хо у». Уӕд Герары паддзах Авимелех арвыста ӕмӕ Саррӕйы ӕрбахуыдта йӕхицӕн.