Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Аврам уырдыгӕй араст, Вефилӕй скӕсӕнырдыгӕй цы хох ис, уырдӕм; уым йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта афтӕ, ӕмӕ Вефил уыди ныгуылӕны, Гай та – скӕсӕны. Аврам уым Хуыцауӕн сарӕзта нывондхӕссӕн, ӕмӕ ссардта Хуыцауы ном. Ӕмӕ фыццаг хатт нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта, уыцы бынатмӕ; уым Аврам ссардта Хуыцауы ном. Аврам систа йӕ цатыртӕ, ацыд ӕмӕ ӕрцарди Хевроны, Мамрейы тулдзбӕлӕстӕм хӕстӕг; уым Хуыцауӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
Выбор основного перевода