Уыцы рӕстӕг Авимелех йе 'фсады хицау Фихолимӕ загъта Авраамӕн: «Ды цыдӕриддӕр ма аразай – Хуыцау дын ӕххуысгӕнӕг у;
Ӕмӕ мын ныр Хуыцауы раз расомы кӕн, мӕнгардӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр мӕ хӕдзарыл, нӕдӕр мӕ байзӕддӕгтыл; ӕз дӕуыл куыд аудыдтон, афтӕ ды дӕр кӕй ауддзынӕ мӕныл, стӕй ӕрцӕуӕггаг цы бӕстӕйыл дӕ, ууыл».