Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн, скӕндзынӕн дӕ хъуыстгонд, ӕмӕ уыдзынӕ арфӕйыхос. Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Уыцы бон Хуыцау Аврамимӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ загъта: «Мысыры цӕугӕдонӕй суанг Ефраты номдзыд цӕугӕдонмӕ цы зӕхх ис, уый Ӕз дӕ байзӕддӕгтӕн дӕттын – Авраам уырдыгӕй ацыди Негевмӕ – хуссармӕ, ӕмӕ рӕстӕгмӕ ӕрцарди Кадесӕй Суры ӕхсӕн. Ӕрцӕуӕггагӕй царди Герары. Сомы кӕнын Мӕхицӕй, зӕгъы Хуыцау, ды уыцы хъуыддаг кӕй сарӕзтай – дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ».
Выбор основного перевода