Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Авраммӕ уыцы цауты фӕстӕ цӕстылуайӕны фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Мацӕмӕй тӕрс, Аврам. Ӕз дӕ уарт дӕн; тынг стыр у дӕ хӕрзиуӕг». Демӕ, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгты фӕлтӕртимӕ, Ӕз сараздзынӕн фидыд – мыггагмӕйы фидыд, Ӕз уыдзынӕн дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты Хуыцау. Ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг, ме 'лдар Авраамы Хуыцау! Абон мын ратт ӕнтыст, ме 'лдар Авраамы Дӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн. Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй.
Выбор основного перевода