Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн нӕдӕр искӕй ӕвзистмӕ, нӕдӕр йӕ сызгъӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ. Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза? Бузныг дӕн Хицауӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд. Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон, уӕд Македонийӕ мӕ рацӕуыны фӕстӕ мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта – ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат. Хойраг лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕмӕн уӕм тыхстыхос.
Выбор основного перевода