Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фӕлӕ ӕз цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз сеппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон – ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх. Ӕз сдӕн ӕнӕзондау – уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн. Дзырддзӕугӕтыл нымад чи уыди – кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны – уыдон мӕ фарны уацыл ницы бафтыдтой. Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Иаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн – аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон – немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕм, уыдон та – сунӕтгӕндтӕм.
Выбор основного перевода