Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау аластой фӕссахармӕ.
Павелы ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕмудзой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой.