Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой къӕрцхъусӕй сӕ хъахъхъӕнын.
Фӕлӕ ӕз цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз сеппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон – ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй – тынг фӕразонӕй нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, тыхст уавӕрты,
Над ӕййафгӕйӕ, ахӕстӕтты, нӕ ныхмӕ сыстыны рӕстӕг, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй.