Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты. Ахӕм адӕймагӕй раппӕлдзынӕн, мӕхицӕй та нӕ раппӕлдзынӕн. Мӕхицӕй куы ӕппӕлон, уӕд ӕрмӕстдӕр мӕ лӕмӕгъдзинадӕй. Фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме 'фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.
Выбор основного перевода