Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыди, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕдӕттынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ. «Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн. Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн скодта хъӕбултӕ, равдыста сын Йӕ намыс, семӕ сарӕзта фидыдтӕ, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ. Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Вениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ – фарисей,
Выбор основного перевода