Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Чырысти мӕ аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ зондджын къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй нӕ, цӕмӕй ма фесӕфа Чырыстийы дзуары тых. Ӕмӕ уӕм ӕз дӕр, ӕфсымӕртӕ, куы ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад фехъусын кӕнынмӕ, уӕд ӕй рӕсугъд ныхӕсты ӕмӕ адӕймаджы зонды руаджы нӕ хъусын кодтон. Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарыл тыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын. Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы у, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн. Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр. Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та – лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады». Ӕмӕ йӕ куы бакӕсат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн, ӕз Чырыстийы сусӕгдзинад куыд ӕмбарын, уый базонын.
Выбор основного перевода