Уыдонӕн ис, Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уыцы рагфыдӕлтӕ; Чырысти туг ӕмӕ стӕгӕй уыдонӕй у – Уый у, ӕппӕтыл дӕр Кӕй бар цӕуы, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен.
Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау.
Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не 'рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.
Цы уӕм фыссын, зӕгъын уын Хуыцауы раз, уымӕй та сайгӕ нӕ кӕнын.