Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы, ӕхсӕвӕй-бонӕй, сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый. Суанг абон дӕр ӕййафӕм стонг ӕмӕ дойны, бӕгънӕг, нӕмынц нӕ, рахау-бахау кӕнӕм, Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй – тынг фӕразонӕй нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, тыхст уавӕрты, Над ӕййафгӕйӕ, ахӕстӕтты, нӕ ныхмӕ сыстыны рӕстӕг, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй. Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхстыхос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы фарны уац.
Выбор основного перевода