Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд уыдаид къӕрцхъус ӕмӕ йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид. Уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт. Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид. Ӕмӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт». Уӕдӕ нӕ зӕххон буар куы раласӕм, уӕд дӕр бӕгънӕг нӕ уыдзыстӕм. Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд ӕрцӕуы, Хицауы ӕрцыд дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут. Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, ӕмӕ уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕллагӕй ӕрӕййафа. Хуыснӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ уыдзӕн Хицауы ӕрцыд дӕр. Арв гӕрӕхтӕгӕнгӕ цыдӕр ӕрбауыдзӕн, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон цӕхӕр фестдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, зӕхх йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр басудздзысты. Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куы нӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзынӕн, уый нӕ базондзынӕ. Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, ахӕм цалдӕр адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ сты уый аккаг. Уынаффӕ дын кӕнын: арты чи ссыгъдӕг, Мӕнӕй ахӕм сызгъӕрин балхӕн ӕмӕ схъӕздыг уай; стӕй балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр Мӕнӕй балхӕн хос ӕмӕ дзы байсӕрд дӕ цӕстытӕ.
Выбор основного перевода