Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ‘Ауадз Мӕ адӕмы нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ. Куы нӕ сӕ ауадзай, уӕд дын деппӕт бӕстӕйыл бафтаудзынӕн галхӕфсытӕ. Нилы цӕугӕдон ӕмызмӕлд кӕндзӕни галхӕфсытӕй; уырдыгӕй рацӕудзысты дӕ галуанмӕ, дӕ фӕлладуадзӕн уатмӕ ӕмӕ дӕ хуыссӕнмӕ, дӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ дӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм, дӕ пецтӕм ӕмӕ дӕ арынгтӕм. Галхӕфсытӕ бырдзысты дӕуыл, дӕ адӕмыл ӕмӕ деппӕт фӕсдзӕуинтыл’“». Моисейӕн Хуыцау загъта: «Ааронӕн зӕгъ: „Дӕ лӕдзӕгимӕ дӕ къух радар цӕугӕдӕттӕм, донуадзӕнтӕм, цадтӕм, ӕмӕ галхӕфсыты бафтау Мысыры бӕстӕйыл“». Аарон йӕ къух радардта мысыраг дӕттӕм; рацыдысты галхӕфсытӕ ӕмӕ бамбӕрзтой Мысыры зӕхх. Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Арвыл фӕзынд ӕндӕр ӕвдисӕйнаг дӕр: ӕртхуыз стыр залиаг калм авд сӕримӕ ӕмӕ дӕс сыкъаимӕ, йӕ сӕртыл авд кадыхудимӕ. Залиаг калм смӕсты сылгоймагмӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, сылгоймаджы уыцы иннӕ цотимӕ схӕцынмӕ.
Выбор основного перевода